Вести. Аланийы хабæрттæ Инæлар-майор Бæтæгаты Таймуразы цыртдзæвæн байгом кодтой Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеяйы
17 февраля 2026, 10:45
Инæлар-майор Бæтæгаты Таймуразы цыртдзæвæн байгом кодтой Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеяйы. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæн радта йæ царды 30 азæй фылдæр. Райдыдта оперативон кусæгæй æмæ сси Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг. Бæтæгаты Таймураз ма уыд, мидхъуыддæгты министрады кусджыты хыгъдæй нæ республикæйы уæлдæр паддзахадон хæрзиуæг "Ирыстоны Намысы" орден кæмæн саккаг кодтой, ахæм адæймаг. Советон Цæдисы мидхъуыддæгты министрады сгуыхт кусæджы,