Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Йæ 100 азы юбилей сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Арутюн Хачикян

17 февраля 2026, 10:46

Йæ 100 азы юбилей сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Арутюн Хачикян. Фронтмæ ацыд, 18 азы йыл куы цыди, уæд. Куыста шофырæй, тохы быдырмæ хæццæ кодта хæстфæрæзтæ, æмæ-иу раласта цæф салдæтты. Хæсты фæстæ та йæ цард сбаста фæллоимæ æмæ сфæлдыстадимæ. Фæстаг азты цæры Дзæуджыхъæуы. Ветеранæн йæ юбилейы фæдыл арфæтæ ракæнынмæ æрбацыдысты парти "Иугонд Уæрæсе"-йы депутаттæ æмæ минæвæрттæ. Радтой йын Уæрæсейы Президент Владимир Путины арфæйы фыстæг. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация