Вести. Аланийы хабæрттæ Тыхджын дымгæимæ иумæ нæ республикæмæ æрбацыд антициклон
17 февраля 2026, 10:48
Ацы хатт зымæг æвдисы йæ хивæнд митæ. Тыхджын дымгæимæ иумæ нæ республикæмæ æрбацыд антициклон. Нæ бæстæйы астæуккаг хайы нырмæ уазæлттæ лæууынц, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ та цин кæнынц уалдзыгон боныхъæдыл. Фæстаг дыууæ боны уæлдæфы температурæ схæццæ 22 градусы онг. Фæстаг 10 азмæ ахæм боны ахаст æртхъирæны мæйы нæ уыд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.