Top.Mail.Ru
Хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ цæуынц нысангонд фæткæй раздæр Выпуск 23 июня 2026 года
Хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ цæуынц нысангонд фæткæй раздæр. Системæтæ цæттæ сты 42 процентæн. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло бабар кодта саразын æмбырд артаджы базæты æмæ машинæтæ артагæй æххæстгæнæг станцæты минæвæртты архайдимæ, сæмбырд кæнын ацы фарстайы фæдыл хъæугæ информаци. Куыд загъта, афтæмæй нæй æруадзæн, цæмæй артаг ма ласой æмæ республикæйы цардархайды службæтæ хъуаг æййафой. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ радзырдта, иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæттыны сæйраг къæпхæн кæй фæцис, райдыдтой резервон бонтæ. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй ног ахуыры азы фыццаг хатт республикæйы 3 скъолайы байгом кæндзысты архитектурон-арæзтадон кълæстæ. Райдайдзæн ма проект «Математическая вертикаль». Фыццаг архайджытæ суыдзысты Цæгат Ирыстоны 9 скъолайы. Сергей Меняйло ахуырады къабазмæ гæсгæ радта хæслæвæрдтæ. Сæрмагондæй, саразын скъоладзауты математикон раграйрæзты системæ, æххæст кæнын проект «Наукон сабаттæ» хистæркъласонтæн, сæрмагонд æргом аздахын ахуырадон организациты литературон клубты райрæзтмæ, сывæллæтты ахадгæдæр зонгæ кæнын ирон авторты уацмыстимæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски