Top.Mail.Ru
Дыууæ мин фыццæгæмкурсонæй фылдæрмæ æнхъæлмæ кæсынц ацы аз Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Выпуск 24 июня 2026 года
Дыууæ мин фыццæгæмкурсонæй фылдæрмæ æнхъæлмæ кæсынц ацы аз Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Уæлдæр ахуыргæнæндоны кусын райдыдта гæххæттытæ исæн кампани. Ацы аз радих кодтой 867 бюджетон бынаты. Иу мин æмæ 300 бынаты та сты коммерцион. Кампанийы фыццаг бонты рабæрæг абитуриентты цымыдисдзинад университеты дæсныйæдтæм. Документтæ дæттынц куыд скъолаты рауагъдонтæ, афтæ, астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндæттæ каст чи фæци, уыдон дæр. Йæ куыст райдыдта Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты гæххæттытæ исæн къамис дæр. Ацы аз стыр æргом аздæхтой инженерон-техникон къабазмæ. Уæлдæр ахуыргæнæндоны куыд загътой, афтæмæй ацы дæсныйæдтæ уæлдай уарзондæр сты скъоладзауты рауагъдонты хсæн. Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты цæттæ сты 2000 бынаты радих кæнынмæ фыццæгæмурсонтæн. Уыдонæй 800 бынаты сты бюджетон. Уыимæ абитуриентты исынц колледжмæ дæр. Уæлдай зæрдиагдæрæй æрбацæуынц, скъолаты сын аттестаттæ куы раттынц, уæд.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски