Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд оперативон æмбырд Выпуск 26 июня 2026 года
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд оперативон æмбырд. Ныхас цыд, республикæйы фæлхасгæнджыты æмæ куыстуæтты æнæкъуылымпыйæ артагæй æххæст кæныныл. æмбырды архайдтой æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты кусджытæ, монополиты ныхмæ Федералон службæйы специалисттæ, цæстдарæн структурæты минæвæрттæ. Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ нæ республикæ бензин æмæ дизелы артагæй цух не ййафы. Уавæрмæ æппынæдзухдæр цæуы бæстон цæстдард. æмбырды архайджытæ ма уæлдай æргом аздæхтой хъæууонхæдзарадон къабазмæ. Хъуамæ быдырон куыстыты рæстæг артаг уа, цас æмбæлы, уыйбæрц. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады оперативон штаб сарæзта электрон картæ. Уым мыхуыргонд цæуы Цæгат Ирыстоны æппæт артаджы станцæты уавæр дæр. Уый фæрцы республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн сæ бон уыдзæн бæлвырд информаци райсын артаджы тыххæй.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски