Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы Чапаевы уынджы хиды цалцæг нысан кæнынц 2027-æм азы райдайын Выпуск 30 июля 2026 года
Дзæуджыхъæуы Чапаевы уынджы хиды цалцæг нысан кæнынц 2027-æм азы райдайын. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы журналисттæн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Куыд ма загъта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг бацæттæ кæндзысты проектон-сметон документаци. Цалцæггæнæн куыстытæн фæрæзтæ ныридæгæн радих кодтой. Æдæппæтæй комитеты бæрны ис 174 хиды рацæуæны. Ныхас цыд фæндæгты арæзтадыл дæр. Бæлвырддæр та - федералон хицаудзинады оргæнтимæ æмгуыстадыл, стæй ведомствойы фыццаградон нысантыл. Журналистты ма базонын фæндыд республикæйы туристон маршрутты фæндæгты уавæры тыххæй дæр. Ацы аз, национ проект "Цардæн инфраструктурæ" æххæст кæнгæйæ, райдыдта Джызæл - Хъæрмæдон - Дæргъæвс - Дзуарыхъæуы фæндаджы бындурон рацарæзт.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски