Top.Mail.Ru
Абон Беслæны райдыдта æрвылазон вахтæ, 2004-æм азы террористон акты амæттæгты номыл Выпуск 01 сентября 2026 года
Абон Беслæны райдыдта æрвылазон вахтæ, 2004-æм азы террористон акты амæттæгты номыл. Ныр 22 азы 1-æм сентбярь ирон адæмæн у стыр хъыджы бон. Уæд æрцыд, Уæрæсейы историйы уæззаудæр цаутæй иу. Террористтæ бацахстой Беслæны 1-æм скъола. Амынæты райстой 1128 адæймаджы. 334-æй фæмардысты. Се хсæн 186 сывæллоны. Номарæн вахтæ, куыд иннæ азты, афтæ ныр дæр цæудзæн 3 боны. Абон 7 сахатыл скъолайы кæрты уыд аргъуыд. Саударæн мадзæлттæ райдыдтой 9 сахатыл. 9 сахаты æмæ 15 минутыл азæлд дзæнгæрæг. Адæм сæвæрдтой дидинджытæ æмæ мыдадзын цырæгътæ, бабæрæг кодтой культурон-патриотон центр «Беслан. Школа №1». 13 сахатыл уыдзæн теракты хъыгдардбаййафджытты архайдимæ пресс-конференци. 19 сахатыл та скъолайы кæрты ссуддзысты мыдадзын цырæгътæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026