Top.Mail.Ru
Беслæны 3-аг бон цæуынц хъыггæнæн бонтæ Выпуск 03 сентября 2026 года
Беслæны 3-аг бон цæуынц хъыггæнæн бонтæ. Æртæ боны адæм цæуынц дидинджытæ мыдадзын цырæгътæ дон æмæ хъазæнтимæ. Беслæны скъолайы æнустæм æрбынат кодтой зæрдæйы рыст æмæ æгæрон маст. Скъолайы кæрты æрхæндæг зæлтæ, залы сыгъд къултæ æмæ сабиты хуызистытæ…22 азы кæд рацыд, уæддæр адæмы зæрдæты хъæдгæмттæ нæ дзæбæх кæнынц. Цæуынц сæ цæссыг нæ уромгæйæ. Ацы бонты алчидæр зæрдæйæ ис беслæйнæгты цур. Абон 13 сахаты æмæ 5 минутыл скъолайы кæрты уыдзæн саударæн мадзал. Уый фæстæ амынæты уæвджыты хуызистытимæ уыдзæн дзуæрттимæ цыд мемориалон уæлмæрд "Зæдты горæтмæ", саударæн вахтæ абон ахицæн уым.   Дидинджытæ сæвæрдзысты цыртдзæвæнтыл æмæ дзы ацæудзæн саударæн службæ. Минут æдзæмæй алæугæйæ арвмæ суаддзысты урс сартæ æмæ ныр 22-æм хатт бакæсдзысты 334 æдзард уды номы…
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026