Top.Mail.Ru
Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы арæзт æрцыд гом дуæртты бон Выпуск 11 сентября 2026 года
Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы арæзт æрцыд гом дуæртты бон. Культурæйы кусджытæ радзырдтой ног секциты æмæ къордты тыххæй. Уыимæ сценæмæ хуынд æрцыдысты национ кафты адæмон ансамбль "Исток"-ы артисттæ. Коллектив йæ хъæздыг программæйæ равдыста ансамблы репертуар. Кафæн аивады бындуртæ æмæ сусæгдзинæдтæ базоныны фадат амæй фæстæмæ уыдзæн бынæттон культурæйы Хæдзары. Сцалцæг æй кодтой, национ проект "Культурæ" æххæст кæнгæйæ. Бæстыхайы кусдзысты спортивон секцитæ, æрмдæсныйады æмæ вокалон къордтæ. Ис дзы хъæздыг библиотекæ дæр. Дарддæр дзы йæ куыст кæндзæн адæмон театры коллектив. Культурæйы Хæдзар байгом кæныны мадзалмæ æрбацыдысты æртæ хъæуы цæрджытæ æнæхъæн бинонтæй Веселæйы хъæуæй, Ново-Геогриевскæйæ стæй Комаровойæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026