Top.Mail.Ru
Чысыл ГЭС «Барс»-ы арæзтады фарстатыл æрныхас кодтой республикæйы хицауады • Выпуск 05 ноября 2026 года
Чысыл ГЭС «Барс»-ы арæзтады фарстатыл æрныхас кодтой республикæйы хицауады. Æмбырды архайдтой компанийы генералон директор Алыбекты Артур стæй Цæгат Ирыстоны æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамонджытæ. Чысыл ГЭС «Барс» арæзт æрцæудзæн Фыййагдоны цæугæдоныл, Алагиры районы Хæрисджыны хъæумæ хæстæг. Йæ технологи уыдзæн «ЭкоГЭС» - ы хуызæн. Æнæ донæмбырдгæнæнтæй, фæлæ цымыдисаг ландшафтимæ. Проектæн фæрæзтæ радих кæндзысты æнæбюджетон хи инвестицитæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ ацы ног проект царды куы рауадзой, уæд уый фадат ратдзæн ног куысты бынæттæ скæнынæн, стæй ма бюджетмæ уæлмæхасæн æфтиæгтæ хæссынæн, - загъта Дзанайты Барис.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1070 выпусков
Выпуски
2026