Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд цæрджытимæ • Выпуск 12 ноября 2026 года
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд цæрджытимæ. Адæм премьермæ æххуысагур æрбацыдысты алыхуызон фарстаты фæдыл. Фæндæгты арæзтад, материалон æххуыс, хостæй ифтонг кæнын, Джызæлы Уæлахизы парк саразын, льготæтæм гæсгæ путевкæтæ дæттын. Æдæппæтæй æркастысты 8 фарстамæ. Фембæлды ма архайдтой профилон ведомствæты разамонджытæ, районы сæргълæуджытæ. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй алы фарста дæр лыггонд æрцæудзæн.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026