Top.Mail.Ru
Æдасдзинады фарстатыл æрныхас кодтой Оперативон штабы æмбырды • Выпуск 21 ноября 2026 года
Æдасдзинады фарстатыл æрныхас кодтой Оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло. Сæрмагонд æргом аздæхтой ныры уавæрæн комплексон аргъ кæнынмæ æмæ регионы сабырдзинад æххæст кæнынæн уæлæмхасæн мадзæлттыл бакусынмæ. æмбырды архайджытæ байхъуыстой докладтæм барадхъахъхъæнынады уавæры, профилактикон куысты хатдзæгты æмæ тыхты æмæ фæрæзты цæттæдзинады тыххæй. Хицæнæй æркастысты, бирæ адæм кæм æрæмбырд вæййы, ахæм бынæттæ æмæ ахсджиаг инфраструктурæйы объекттæ терроризмы ныхмæ хъахъхъæныны фарстатæм. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй хъæуы уавæр æдзух мониторинг кæнын æмæ æппæт структурæты хсæн оперативонæй кæрæдзимæ дæттын информаци. Хатдзæгтæм гæсгæ, оперативон штаб сфидар кодта уæлæмхасæн мадзæлттæ. Сæ нысан у, ведомствæты хсæн æмархайд фæтыхджындæр кæнын.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1078 выпусков
Выпуски
2026