Top.Mail.Ru
Къуырисæры Ирыстоны райдайдзæн ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Лæгты Дзуармæ кувæн къуыри • Выпуск 21 ноября 2026 года
Къуырисæры Ирыстоны райдайдзæн ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Лæгты Дзуармæ кувæн къуыри. Райсом та уыдзысты галæргæвдæнтæ. Традицимæ гæсгæ, ахæсдзæн æнæхъæн къуыри. Бæрæгбон æрцæуы фæззæгмæ. Адæм бафснайынц сæ тыллæг, сæ хор, ралæууы куывдтæ æмæ чындзæхсæвты рæстæг. Ацы кадджын бæрæгбон нысан кæны ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ удварны хæзнатæ хъахъхъæнын, у адæмы иудзинадыл дзурæг. Адæм фæкувынц Лæгты Дзуармæ, бафæдзæхсынц ыл сæхи æмæ Ирыстон. Ацы арфæйаг къуыри куыд рæсугъддæр сбæрæг кæнæм, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта æхсæнадон змæлд "Иры уæлдæр совет"-ы сæрдар Хадыхъаты Азæмæт.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1078 выпусков
Выпуски
2026