Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Радон иумæйаг рейд Дзæуджыхъæуы сарæзтой æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрадты кусджытæ Выпуск 20 декабря 2022 года
Радон иумæйаг рейд Дзæуджыхъæуы сарæзтой æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрадты кусджытæ. Специалисттæ бæрæг кæнынц, пиротехникон æрмæг кæм уæй кæнынц, ахæм бынæттæ, стæй кæсынц  æдасдзинады домæнтæ дзы куыд æххæст кæнынц, уымæ. Æдæппæтæй нæ горæты ис 4 сæрмагонд стационарон дуканийы. Фæлæ ног азы агъоммæ байгом вæййынц уæлæмхасæн уæйгæнæн бынæттæ. Уыимæ хатгай – æнæ закъонæй.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски