Вести. Аланийы хабæрттæ ЦИПУ-йы ацыд æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн историйæ
4 апреля 2025, 10:35
ЦИПУ-йы ацыд æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн историйæ. Финалы сæ тыхтæ бавзарынмæ Дзæуджыхъæумæ æппæт Уæрæсейæ æрæмбырд 350 архайæджы, 150 – сæ разамонджытæ. Бæстæйы скъоладзауты хсæн ацы олимпиадæ у æппæтæй егъаудæр интеллектуалон ерыс.