Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы бындурон цалцæджы фæстæ байгом сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуан
3 июня 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы бындурон цалцæджы фæстæ байгом сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуан. 50 азæй фылдæр бæстыхай цалцæггонд нæ уыд. Баивтой галуаны сæр, сæххæст кодтой мидкуыстытæ. Ацы хъуыддаг сбастой сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтадæмон бонимæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.