Top.Mail.Ru
Хæххон паддзахадон аграрон университеты магистратурæйы студенткæ сфæнд кодта классикон рецептæй ахизын Выпуск 08 апреля 2026 года
Æрхъуыдыджын фæсивæд. Хæххон паддзахадон аграрон университеты магистратурæйы студенткæ Катерина Куликова сфæнд кодта классикон рецептæй ахизын. Уæлдæр ахуыргæнæндоны лабораторийы фæлвары цыхты ног хуызтæ аразын. Уыимæ пайда кæны, йæхи хæдзарады конд сæгъы æхсырæй. Ныридæгæн дæр йæ продукцийы хыгъд чысыл нæу: нæлхæ æмæ цыхт. Катеринæйы фидæнмæ нысанты тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ. Ахæм кулинарон эксперимент лабораторон уавæрты у магистратурæйы фыццæгæм курсы студенткæйы хъæппæрис. Катерина Куликова бафæлвæрдта бирæазон рецептыл ног хуызы бакусын, сцæттæ йæ кæнын æндæр хъацæнтæй. Сæгъы *хсырæй моцареллæ у ногдзинад. Гæнæн ис, æмæ фидæны апарахат уа. Бындуры ис ныры технологи, ивд æрцыд æрмæст иу хъацæн. Фидæны зоотехник – ивгъуыды 16-аздзыд фæлтæрддзинадимæ райдиан кълæсты ахуыргæнæг. Хæххон парддзахадон аграрон университетмæ Катерина Куликова æрбацыд йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ, райста ахуырад фермеры скъолайы.  Хъæууон хæдзарадмæ йæ сразæнгард кодтой йæ ныййарджытæ нырма сывæллонæй, сæрмагонд цымыдис æм фæзынд лыстæг фос дарынмæ. Сæгътæ балхæдта, йæ бинонтимæ хи хæдзармæ куы раивтой, уæд. Куыд зæгъы, афтæмæй 10 азмæ сахуыр ис æхсырæй кæнын нæлхæ, стандартон цыхт, хсыры сæртæ хицæн кæнын. Уыцы æхсыр Катерина æрбахæссы сæхицæй. Ныртæккæ йæ хæдзарады ис 3 сæгъы, иу цæу æмæ 6 сæныччы. Цы зонындзинæдтæ райста, уыдоны фæрцы сæм зоны раст зилын, холлаг дæттыны хъуыддаг дæр нывыл конд у. Уый руаджы сæгътæ дæттынц бирæ æхсыр. Æмтгæй райсгæйæ, моцареллæ цæттæ кæнынæн фæпайда кæнынц къамбецы сойджындæр æхсырæй, стæмдæр хатт – хъуджы æхсырæй, зæгъынц специалисттæ. Нырма уал сæгъы *хсыры бындурыл продукттæ цæттæ кæнын у эксперимент. Фæлæ Катеринæйы фæндты ис ацы хъуыдыйы райрæзтыл кусын. Балæвæрдта гæххæттытæ социалон контракт бафыссынмæ. Гæнæн ис, æмæ товарты номхыгъды æрмæст моцареллæ нæ уыдзæн.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски