Top.Mail.Ru
Мæздæджы районы ацыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг чи фæмарди, уыцы æфсæддонты стæгдартæ æфсымæрон ингæны баныгæныны мадзал Выпуск 25 июня 2026 года
Мæздæджы районы ацыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг чи фæмарди, уыцы æфсæддонты стæгдартæ æфсымæрон ингæны баныгæныны мадзал. Агурæг къордтæ сæ ссардтой Теркаг æфцæгыл æркъæхтыты рæстæг. 1942-æм азы, фæззæджы ацы уæлвæзты цыди карз тох. Салдæттæ знаджы ныхмæ цыдысты, зæгъæн ис æнæ хæцæнгарзæй, уымæ гæсгæ дзы фæмарди бирæ адæм. Мемориал "Линия фронта" байгом 10 азы размæ, Мæздæджы агурæг къордты хъæппæрисæй. æфсымæрон ингæны æдæппæтæй ныгæд ис 167 советон салдаты æмæ офицеры.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски