Top.Mail.Ru
Мæздæджы районы ветеранты Советы минæвæрттæ рæстæгæй-рæстæгмæ æмбæлынц бынæттон цæрджытимæ Выпуск 23 июля 2026 года
Мæздæджы районы ветеранты Советы минæвæрттæ рæстæгæй-рæстæгмæ æмбæлынц бынæттон цæрджытимæ. Ахæм фембæлдтыты сæйраг нысан у ацæргæ адæмæн социалон æххуыс кæнын. Бæлвырддæр та сын радзурынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады льготæтæм гæсгæ тарифты æмæ дзæбæхгæнæн программæты тыххæй. Ацæргæ адæмимæ фембæлдтытæм æрбахонынц социалон хъахъхъæнынады Управленийы разамонджыты стæй социалон лæггæдты комплексон центры специалистты. Уыдон пенсиисджытæн бамбарын кæнынц æппæт лыстæг хъуыддæгтæ дæр. Уыимæ ма сын сæ фæрстытæн раттынц бæлвырд дзуæппытæ. Ветеранты Советы активон граждайнаг цæстæнгасы фæрцы Мæздæджы районы цæрджытæ свæййынц дзæбæхгæнæн программæты архайджытæ. Сæ иу - фæллойы ветерантæн лæвар протезтæ кæнын. Ахæм æнæмæнг хъæугæ æххуыс бынæттон цæрджытæ исынц районы фæлгæты.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски