Top.Mail.Ru
Абон республикæйы скъолаты райдыдта ног ахуыры аз Выпуск 04 сентября 2026 года
Абон республикæйы скъолаты райдыдта ног ахуыры аз. 8 мин 300 сабийæ фылдæр бацыдысты фыццаг къласмæ. Ацы сахат ахуыргæнæндæтты цæуынц кадджын линейкæтæ. Се ппæт фыццагкъласонтæ дæр райсдзысты республикæйы сæргълæууæгæй лæвæрттæ. Линейкæты фæстæ та арæзт æрцæудзысты сабырдзинады уроктæ. Ацы ахуыры аз Цæгат Ирыстоны скъолаты кусын райдайдзысты 138 æрыгон педагогы, 19 ахуыргæнæджы та программæ «Хъæуы ахуыргæнæг»-мæ гæсгæ. 14 скъолайы сæ дуæрттæ байгом кæндзысты бындурон цалцæджы фæстæ, ноджыдæр ма иу та реконструкцийы фæстæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026