Top.Mail.Ru
Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр цæттæ кæны премьерæ Выпуск 12 сентября 2026 года
Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр цæттæ кæны премьерæ. Æвæрынц Федерико Гарсиа Лоркæйы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Бернарда Альбæйы хæдзар». Актертæ бавнæлдтой сценарий кæсынмæ. Спектакль æвæры режиссер Челæхсаты Эдуард. «Бернарда Альбæйы хæдзар» у трагикон пьесæ. Сæйраг хъайтар у тызмæг сылгоймаг. Йæ 5 чызджы дары карз уавæрты. Ахæм уагæвæрд цавæр фæстиуджытæм расайдзæн, уый аивадуарзджытæн радзурдзысты ног, 91-æм театралон сезоны.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026