Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны фæфылдæр æхснырсæгæй рынчынты нымæц Выпуск 22 сентября 2026 года
Цæгат Ирыстоны фæфылдæр æхснырсæгæй рынчынты нымæц. Фæлæ, фæлхасадмæ цæстдарды республикон управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, эпидемиологон уавæр у рæстæмбис. Ууыл ныхас цыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй скъолаты рынчын сывæллæтты нымæц у 9%, рæвдауæндæтты та - 12%. Ныхас цыд артаджы уавæрыл дæр. Сергей Меняйло бахаста фæндон волонтерты ргом здахыны тыххæй. Уыдон хъуамæ цæст дарой, артаджы станцæты рад куыд цæуы, уымæ. Хицæнæй æрлæууыдысты, æвзæрстытæ нæ республикæйы куыд ацыдысты, ууыл. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæй ногæй æвзæрст æрцыд Сергей Меняйло. Уый бузныджы ныхæстæ загъта мидхъуыддæгты министрадæн, æхсæнадон барад æмæ æдасдзинады фарстатыл иттæг хорз кæй бакуыстой, уый тыххæй. Бахаста фæндон хуыздæр кусджыты схорзæхджын кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр регионы разамонæг загъта, хицауады ног хыгъды фæзындзысты ног адæм. Кадртæ ивыны уынаффæтæ æххæстгонд цæудзысты 2 мæйы дæргъы. Æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ фехъусын кодта, ацы æвзæрстытæ уыдысты æппæтæй зындæр, фæстаг 10 азмæ. Уымæн æмæ фыццаг хатт цыдысты нымæцон платформæйы. Æртæ бонмæ нæ бахыгътой иунæг барадхæлд æмæ хъаст.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026