Top.Mail.Ru
Отряд «Элхот»-ы кадеттæ уæлахиздзаутæ систы Æппæтуæрæсеон æфсæддон-патриотон хъазт "Зарница 2.0."-ы финалон тактикон ерысты Выпуск 22 сентября 2026 года
Отряд «Элхот»-ы кадеттæ уæлахиздзаутæ систы Æппæтуæрæсеон æфсæддон-патриотон хъазт "Зарница 2.0."-ы финалон тактикон ерысты. Конд у цалдæр æмвæзадæй - скъоладзуты, муниципалон æмæ регионалон. Кæронбæттæны вæййы æппæтуæрæсеон финал. Йæ архайджытæ ацæуынц хицæн æмæ командон фæлварæнтæ тактикон æмæ инженерон ахуырты. Стæй ма ацæуынц æнæнхъæлæджы уавæрты курс дæр. Иугонд æфсады хыгъды Елхоты 3-æгæм скъолайы ахуырдзаутæ равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ. Ацы аз хъазты финалон къæпхæн арæзт æрцыд Волгограды облæсты. Иумæйаг хыгъды ирыстойнаг отряд бацахста 23-æм бынат. Ирдæй равдыстой командæйы куыст, ныфс, уды фидардзинад æмæ, технологон дисциплинæтæй куыд пайда кæнынц, уый. Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вагзалы фæсивæдыл кадджын уавæры сæмбæлдысты "Фыццæгты змæлд"-ы регионалон хайады активисттæ, æмæ йæ разамонæг Хъесаты Ирыстон. Раарфæ кодта кадеттæн сæ уæлахизы тыххæй.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026