Top.Mail.Ru
Сергей Меняйло видеоконференцийы хуызы архайдта ведомствоты хсæн кусæг къорды æмбырды • Выпуск 26 сентября 2026 года
Сергей Меняйло видеоконференцийы хуызы архайдта ведомствоты хсæн кусæг къорды æмбырды. Ныхас цыд - Цæгат Кавказы федералон зылды æнæзакъон финансон операциты ныхмæ тох кæныныл. Мадзал амыдта Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка. Куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ зылды территорийы æххæстгонд цæуынц сæдæгай программæтæ æмæ проекттæ. Уыдонæн алы æмвæзады бюджеттæй дихгонд цæуынц зынгæ фæрæзтæ. Уыимæ тæссагдзинæдтæ дæр фæзынынц алы къæпхæныл. Контракты аргъæй райдай - æмæ куыстытæ куыд конд æрцыдысты, уымæй фæуы. Аипдзинæдтæ рабæрæг кæнынц цæстдарæн æмæ барадхъахъхъæнæн оргæнтæ. Бюджетон фæрæзтæ куыд ахадгæйæ пайда цæуынц, уый у ахсджиаг у адæмы царды хæрзхъæддзинадæн æмæ нæ бæстæйы рæзтæн, æмтгæй райсгæйæ, - загъта Юрий Чайка.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1048 выпусков
Выпуски
2026