Top.Mail.Ru
Кæфты мæйы райдиан Уæрæсейы сбæрæг кæнынц ацæргæ адæмы бон • Выпуск 02 октября 2026 года
Кæфты мæйы райдиан Уæрæсейы сбæрæг кæнынц ацæргæ адæмы бон. Бæрæгбон æрыгон у, фæлæ ахсджиаг у, куыстуæтты, заводты, быдырты æмæ æндæр ахсджиаг къабзæты чи фæллой кодта, æмæ ныр йæ фæллад чи уадзы, уыцы адæмæн. Мæздæджы ацæргæ æмæ инвалид адæмы хæдзар-интернаты чи цæры, уыдонæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Архайдтой цымыдисаг эстафетæйы. Йæ сæйраг хъайтартæ та уыдысты ацæргæ адæм сæхæдæг. Фæсивæд æмæ хистæртæ иумæ бацæттæ кодтой хæрзад хæринæгтæ, æфснайдтой, хъазыдысты, кафыдысты æмæ зарыдысты. Куыд фæзæгъынц, афтæмæй конкурсы фæуæлахиз хæлардзинад. Фæстæдæр уазджытæ равдыстой зæрдæмæдзæугæ концерт. Хистæр кары адæм сын загътой бузныг, ахæм бæрæгбоны программæйы тыххæй.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026