Top.Mail.Ru
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, республикæйы культурон объекттæ хъахъхъæныны фарстаты фæдыл æмбырд • Выпуск 14 октября 2026 года
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, республикæйы культурон объекттæ хъахъхъæныны фарстаты фæдыл æмбырд. Архайдтой дзы профилон министртæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, стæй Кавказ.РФ-ы генералон директоры фыццаг хæдивæг Владимир Лапухин. Культурон бынтæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæз куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы иугонд паддзахадон реестры хыгъды ис 746 культурон объекты . Уыдонæй 412-æн ис федералон нысаниуæг, 334-æн та регионалон. Республикæйы дарддæр цæуы  æндæр ахсджиаг куыст. Культурон хæзнаты объекттыл æвæрынц информацион фыстытæ. Хицæн æргом здахынц бæстыхæйтты историон хуыз бахъахъхъæнынмæ. Хи æфтиæгты фæрцы бантыст Дзæуджыхъæуы центрон хайы 15 бæстыхайы æддаг хуыз рацаразын. Культурон бынты 12 объекты та куыстытæ ныртæккæ дæр цæуынц. Дзанайты Барис загъта, рагон архитектурæйы цыртдзæвæнтæ хъуамæ суой нæ регионы туристон хъомысы æнæивгæ хай. Уыимæ сæ хъæуы маршруттæм бахæссын. Уый тыххæй хъусын кæны, республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады пресс-службæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026