Top.Mail.Ru
Æрæфы районы нуазыны доны хæрзхъæддзинад дзуапп дæтты домæнтæн • Выпуск 16 октября 2026 года
Æрæфы районы нуазыны доны хæрзхъæддзинад дзуапп дæтты домæнтæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Доны куыстуат. Специалисттæ сыгъдæг кодтой дондзæуæн системæ, уымæ гæсгæ доны хæрзхъæддзинад цыбыр æмгъуыдмæ февзæрдæр. Уыимæ ныртæккæ дарддæр цæуы æрæфы районы иумæйаг дондзæуæны рацарæзт. Специалисттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй куыстытæ æххæст кæнынц фæткмæ гæсгæ. Бассейнты фæзы ныридæгæн сæвæрдтой 465 метры æфсæн-бетонæй быру. Дыууæ резервуары бынтæ дæр сты цæттæ. Дондзæуæны иу хайы рацарæзт кæронмæ æрхæццæ. Сæвæрдтой дзы 25 километры хæтæлтæ. Уымæй дарддæр сарæзтой 6 цъайы. Куыстытæ адарддæр кæндзысты æхсæрысæры. Нысантæм гæсгæ, рацарæзт фæуыдзæн 2027-æм азы кæронмæ. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ куыстытæ цæуынц, национ проект "Цардæн инфраструктурæ" æххæст кæнгæйæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026