Top.Mail.Ru
Хицауады сæрдары хæдивæг Алыбекты Эллæ кусæг балцы уыд Æрыдоны районы • Выпуск 23 октября 2026 года
Хицауады сæрдары хæдивæг Алыбекты Эллæ кусæг балцы уыд Æрыдоны районы. Бабæрæг кодта ахуырады æмæ культурæйы объекттæ. Йемæ инспекцийы архайдтой культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Гуыдиаты Батраз, стæй ахуырады æмæ наукæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Андрей Швецов. Фыццаг уал федтой Æрыдоны библиотекæ. Уым бындурон цалцæг цæуы, программæ "Культурæ"-мæ гæсгæ. Куыстытæ райдыдтой ацы аз, æмæ цæудзысты дыууæ азы. Бæрнон кусджытæ ма бабæрæг кодтой районы культурæйы Хæдзар. Æрныхас кодтой, цы мадзæлттæ дзы арæзт цæуынц, уыдоныл, стæй аныхас кодтой куыстуаты специалисттимæ. Хицæн æргом аздæхтой, цы хæстæ æмæ нысантæ сæвæрдтой сæ размæ, уыдоныл.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1057 выпусков
Выпуски
2026