
Вести. Аланийы хабæрттæ Абон Дзæуджыхъæуы уыдзæн хъæууонхæдзарадон армукъа
19 апреля 2025, 09:54
Абон Дзæуджыхъæуы уыдзæн хъæууонхæдзарадон армукъа. Архайдзысты дзы республикæйы куыстуæттæ. Уый тыххæй хъусын кæны хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрады пресс-службæ. Мадзал райдайдзæн 10 сахатыл, адрис – Ватутины уынг, 116. Продукци балхæнæн уыдзæн куыстуæтты нысангонд æргътæм гæсгæ. Армукъайы уыдзæн экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци. Ассортимент уæрæх: дыргътæ, халсартæ, дзидза, æхсыры продукци æмæ бынæттон куыстуæтты æндæр товартæ.