Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны ахсджиагдæр уаццæгтæй иуыл цæуы егъау рацарæзт
24 мая 2025, 09:37
Цæгат Ирыстоны ахсджиагдæр уаццæгтæй иуыл цæуы егъау рацарæзт. Алагир – Црау – Урсдоны трассæйыл цæуы хиды рацарæзт. Иу кæны республикæйы дыууæ районы. Æмæ дæсгай азтæм фыццаг хатт цæуы бындуронæй цалцæггонд. Куыстытæ райдыдтой ацы азы райдиан, æмæ цæуынц нысангонд фæткæй раздæр. Ныридæгæн сарæзтой былгæрæттæ фидаргæнæнтæ. Цæмæй фæндаггон змæлд ма *рлæууын кæной, уый тыххæй рæстæгмæ сарæзтой иувæрсты цæуæн. Сентябры хид хъуамæ сцæттæ уа.