Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом ног туристон сезон
31 мая 2025, 10:08
Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом ног туристон сезон. Бынæттон цæрджытæн æмæ уазджытæн бацæттæ кодтой национ-культурон программæ, адæмон зарджытæ, кæфтытæ æмæ постановкæтæ. Нырыккон технологитæ балæвар кодтой горæты уæвгæйæ Ирыстоны æрдзон хъæздыгдзинæдтæ феныны гæнæнтæ. Бирæ адæм æрбамбырд æмæ систы ацы бæрæгбоны хай. Хуызистытæ скодтой, национ æууæлтæ ирдæй кæм зындысты, ахæм авигонд зонæты, федтой национ хæринæгтæ.