Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны сæйраг æмгъуыд
31 мая 2025, 10:07
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны сæйраг æмгъуыд. Знон республикæйы скъоладзаутæ лæвæрдтой æнæмæнг дæтгæ фæлварæнтæй иу – уырыссаг æвзагæй. Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы сæ зонындзинæдтæ равдыстой 233 ахуырдзауы. Æдæппæтæй регионалон информацион системæйы хыгъды ис 3813 адæймаджы. Се хсæн куыд 11-æмкъласонтæ, афтæ ивгъуыд азты рауагъдонтæ дæр. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынæн республикæйы сифтонг кодтой хатдзæгтæгæнæн аттестацийы 17 пункты.