Вести. Аланийы хабæрттæ Кусгæ чи нæ кæны, уыцы адæмæн финансон æххуыс бакæнынæн ацы аз республикæйы фæрæзты бæрц сырæзт 25%
4 июня 2025, 10:26
Кусгæ чи нæ кæны, уыцы адæмæн финансон æххуыс бакæнынæн ацы аз республикæйы фæрæзты бæрц сырæзт 25%. Уый тыххæй ныхас цыд хицауады æмбырды. Уый фадат ратдзæн рæстæгмæ куысты бынæттæ 1600 адæймагæн ссарынæн. Ныхас цыд адæмæн транспортон лæггæдтæ кæныныл дæр. Хицауады уæнгтæ рахæцыдысты, муниципалон бынæтты хсæн дыууын иу маршрут нысангонд тарифмæ раивыны ныхмæ.