Вести. Аланийы хабæрттæ 150 адæймагæй фылдæр балæвæрдтой курдиæттæ студентон æмбырд "Æрыгон"-ы архайынмæ
30 июля 2025, 10:33
150 адæймагæй фылдæр балæвæрдтой курдиæттæ студентон æмбырд "Æрыгон"-ы архайынмæ. Ацы аз уыдзæн 11-æй 14-æм августы онг Дæргъæвсы. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Архайдзысты дзы студенттæ Мæскуыйæ, Владивостокæй, Санкт-Петербургæй, Ростов-на-Донуйæ æмæ Уæрæсейы иннæ горæттæй.