Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы райдыдта Гæбуты Ангелинæйы кубок рамбулыны æппæтуæрæсеон турнир теннисæй
30 июля 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы райдыдта Гæбуты Ангелинæйы кубок рамбулыны æппæтуæрæсеон турнир теннисæй. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыдысты Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Архайджытæн раарфæ кодтой, æмæ загътой, ерыстæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый. Турниры архайынц спортсментæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ Белоруссийæ.