Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Ирон спортсмен Сабеты Хетæг Америкæйы штат Техасы сси иугонд хæбысхæсты турниры уæлахиздзау

13 сентября 2025, 09:56

Ирон спортсмен Сабеты Хетæг Америкæйы штат Техасы сси иугонд хæбысхæсты турниры уæлахиздзау. Хетæг йæ ныхмæллæуæгæй разынд тыхджындæр. Чемпионы ном сси зындгонд иугонд хъæбысхæсты дунейы спортсментæн. Цæгатирыстойнаг богал тренировкæтæ кæны Америкæйы иугонд штатты раззагдæр командæйы уæнгтимæ. Йæ спортивон рæзты йын стыр æххуыс бакодтой ирон хъæбысæйхæсджытæ Бекъойты Азæмæт æмæ Баситы Ацæмæз.  Хетæг у республикæйы цалдæр хатты чемпион. Спорты фыццаг къахдзæфтæ кæнын райдыдта клуб "Арс"-ы.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация