Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы райдыдта педагогон арæхстдзинады конкурс "Афæдзы педагог"-ы муниципалон къæпхæн
22 января 2026, 10:19
Дзæуджыхъæуы райдыдта педагогон арæхстдзинады конкурс "Афæдзы педагог"-ы муниципалон къæпхæн. Архайдта дзы ахуырады къабазы 50 кусæгæй фылдæр. Конкурс цæуы 2 къæпхæнæй – "Афæдзы ахуыргæнæг" æмæ "Афæдзы хъомылгæнæг". Кадджын мадзал уыд горæты администрацийы. Алы архайæгмæ дæр æнхъæлмæ кæсы 3 фæлварæны.