Вести. Аланийы хабæрттæ Ансамбль "Хæхты сывæллæттæ"-н хореографион аивады конкурс "Пересвет"-ы архайд Сочийы рауад æнтыстджын
5 февраля 2026, 10:48
Æхсæз фыццаг бынаты алы номинациты æмæ Гран-при. Дæнцæгæн хæссинаг адæмон кафты ансамбль "Хæхты сывæллæттæ"-н Æппæтадæмон хореографион аивады конкурс "Пересвет"-ы архайд Сочийы рауад æнтыстджын. Цæгат Ирыстоны кафджытæ Уæрæсейы 20 коллективы *хсæн систы хуыздæртæ. Стыр аргъгонд æрцыд сæ аив змæлдæн æмæ, цы кафты нывтæ равдыстой, уыдонæн. Ныртæккæ ансамбль йæхи цæттæ кæны ног конкурстæм. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.