Вести. Аланийы хабæрттæ Сергей Меняйло Сæргълæууæджы премийы лауреаттæн хæрзиуджытæ радта, бархионты змæлды активонæй кæй архайынц, уый тыххæй
6 февраля 2026, 10:28
Сергей Меняйло Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы премийы лауреаттæн хæрзиуджытæ радта, бархионты змæлды активонæй кæй архайынц, уый тыххæй. Регионы разамонæг волонтертæн загъта бузныг, ахæм ахсджиаг куыст кæй кæнынц, уый фæдыл. Пайда хæссынц æхсæнадæн, сæ нысан та у – алфамбылай дуне хуыздæр кæнын. Бархионты змæлды архайджыты проекттæ æмæ хъæппæристæ дарддæр дæр уыдзысты дæнцæгæн хæссинаг, – загъта Сергей Меняйло.