Вести. Аланийы хабæрттæ Ветеранты хæдзары ацыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты боны кадæн бæрæгбоны мадзал
24 февраля 2026, 10:37
Ветеранты хæдзары ацыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты боны кадæн бæрæгбоны мадзал. Ацы бон баиу кодта алы фæтæрты минæвæртты – ветерантæй райдай æмæ ныртæккæйы æфсæддонтæй фæуы. Хицæн ныхасы аккаг сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, æфсæддон службæйы ветерантæ, Уæрæсейы хъæбатыртæ, стæй сæ бинонтæ. Бæрæгбонмæ хуынд адæмæн арфæ ракодтой æхсæнадон организациты минæвæрттæ.