Вести. Аланийы хабæрттæ Культурæмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй Джихаты Романæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы ном, стæй "Ирыстоны сæраппонды" майдан
24 февраля 2026, 10:40
Бирæ азты фæллой æмæ дæсныйадыл æнувыддзинад. Культурæмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй Джихаты Романæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы ном, стæй "Ирыстоны сæраппонды" майдан. Йæ ансамбль саразы хæрзаудæн концерттæ. Роман сывæллæтты ахуыр кæны национ инструменттыл цæгъдыныл. Йæ разамындæй коллектив иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдта федералон телепроектты. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.