Вести. Аланийы хабæрттæ Нæ республикæйы ацыдысты фыдыбæстæстæ хъахъхъæнджытæн кадгæнæн мадзæлттæ
25 февраля 2026, 11:11
Нæ республикæйы ацыдысты фыдыбæстæстæ хъахъхъæнджытæн кадгæнæн мадзæлттæ. Уæлдай æргом аздæхтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæм æмæ архайджытæм. Дзæуджыхъæуы галиуфарсы хайы ныртæккæ цæры 3 ахæм хæствæллад хистæры: Каменева Валентина Семеновна, цæуы йыл 102 азы, Пагæты Алыксандр Михалы фырт. Ацы аз майы йыл сæххæст уыдзæн 101 аз. Стæй Варламов Александр Николаевич.