Top.Mail.Ru
Мæздæджы сывæллæтты технопарк Кванториумы арæзт æрцыд шашкæтæй турнир. Выпуск 12 июня 2026 года
Мæздæджы сывæллæтты технопарк Кванториумы арæзт æрцыд шашкæтæй турнир. Мадзал баст уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Анвар Одабашевы ном ссарынимæ. Ерысты архайдтой Мæздæджы районы скъолаты ахуырдзаутæ. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæн ис стыр нысаниуæг. Уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæры хсæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ турнир цыди æртæ къæпхæнæй. Уым æрыгон ерысгæнджытæ æвдыстой сæ зондахаст æмæ спортивон миниуджытæ. Лæппутæн æмæ чызджытæн радтой кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски