Top.Mail.Ru
Педагогтæн æмæ бирæсывæллонджын ныййарджытæн социалон æххуысы мадзæлттыл, фæллойадон бартæ хъахъхъæныныл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрныхас кодтой парламенты Советы æмбырды Выпуск 13 июня 2026 года
Педагогтæн æмæ бирæсывæллонджын ныййарджытæн социалон æххуысы мадзæлттыл, фæллойадон бартæ хъахъхъæныныл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрныхас кодтой парламенты Советы æмбырды. Амыдта йæ сæрдары фыццаг хæдивæг Тхостаты Мурат. Депутаттæ хорзыл банымадтой, арæзтадон объекттæн, инженерон кусæнгæрзтæн æмæ алывæрсыг куыстытæн гарантион æмгъуыд фæфылдæр кæныны хъæппæрис. æркæсынмæ йæ бахастой Паддзахадон думæмæ. Ныхас ма цыд «Центрводресурсы»-йы филиалы архайдыл. Ведомствойы разамонæг Алексей Рево куыд радзырдта, афтæмæй организаци æххæст кæны ахсджиаг хæстæ. Адæмы хъахъхъæны донивылдтытæй, мониторинг кæны цæугæдæтты былгæрæттæ æмæ цæстдары доны объектты арæнтæм. æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим та радзырдта гидротехникон кусæнгæрзты тыххæй. Профилон ведомствойы бæрны куы уой, уæд уый фадат ратдзæн федералон программæты æмæ национ проектты архайынæн, стæй регионы доны инфраструктурæйы рацарæзтæн фæрæзтæ дих кæнынæн.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски