Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны исынц киноныв "Дух барса" Выпуск 14 июля 2026 года
Цæгат Ирыстоны исынц киноныв "Дух барса". Спортивон драмæ дзуры 13-аздзыд Батразы царды тыххæй. Лæппу сдзæбæх уæззау низæй. Ныр лæууы йæ бæллицы фæндагыл - фæнды йæ футболон академи "Алани"-мæ бахауын. Йæ зондамонæг у, йæ райгуырæн горæтмæ чи сыздæхт, ахæм профессионалон футболист. Сценарийы автор æмæ генералон продюсер у Соскъиты Зауыр, режиссер та - Олег Хамоков. Киноныв исынц Дзæуджыхъæуы уынгты, стадион "Спартаччы",  футболон академи "Алани"-йы, стæй Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр бынæтты.  Чи йыл кусы, уыдоны ныхæстæм гæсгæ "Дух барса" у æцæг адæмон киноныв, хонынц республикæйы цæрджыты дзыллон сценæты архайынмæ. "Дух барса" исыны рæстæг республикæйы аххæсдзæн августы астæумæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски