Top.Mail.Ru
Хæххон паддзахадон аграрон университеты арæзт æрцыд кадджын мадзал Выпуск 25 июля 2026 года
Хæххон паддзахадон аграрон университеты арæзт æрцыд кадджын мадзал. Сырх дипломтæ радтой, уæлдæр ахуыргæнæндон иттæг хорз бæрæггæнæнтыл каст чи фæцис, ахæм 89 рауагъдонæн. Се хсæн: бакалавриаты 45 рауагъдоны, 27 сты специалитеты рауагъдонтæ стæй 18 та магистртæ. Æдæппæтæй ацы аз дипломтæ райстой 545 æрыгон адæймаджы. Фæсивæдæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой ныййарджытæ, профессортæ æмæ ахуыргæнджытæ. Кадджын уазджыты хсæн уыд Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Цалдæр рауагъдонæн дипломтæ радта йæхæдæг.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски