Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны артаджы уавæр нывыл кæны Выпуск 28 июля 2026 года
Цæгат Ирыстоны артаджы уавæр нывыл кæны. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты - коммуналон хæдзарады артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Ацы бонты республикæмæ фæндагыл ис 751 тонны бензин æмæ 374 тонны дизель. Сергей Меняйло бадомдта, артаджы æвæрæтнты тыххæй йын алы къуыри дæр информаци дæттын. Аппатарон æмбырды ныхас цыди Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæрыл дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы информацимæ гæсгæ, уавæр у рæстæмбис. Ведомствæ йæ цæст дары регионы нуазыны доны хæрзхъæддзинадмæ. Сæргълæууæджы хæслæвæрдтæй иу баст уыди фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ кæнынимæ. Профилон ведомствæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хъармгæнæн сезонмæ республикæ цæттæ у 61%.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 996 выпусков
Выпуски