Top.Mail.Ru
Майрамададжы традицимæ гæсгæ дидинджытæ сæвæрдтой Суаргом хъахъхъæнджыты цыртдзæвæныл æмæ Æнусон артыл Выпуск 28 июля 2026 года
Майрамададжы традицимæ гæсгæ дидинджытæ сæвæрдтой Суаргом хъахъхъæнджыты цыртдзæвæныл æмæ Æнусон артыл. 1942-æм азы ам цыдис æгъатыр хæст. Фæмард дзы 648 курсанты - наудзæуджытæ æмæ Сырх æфсæддонтæ. Уыдон знаджы нæ бауагътой бацæуын ахсджиаг объектмæ - Арвыкомы фæндагмæ. Æрыгон хъæбатырты мысæн мадзæлтты архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг, вице-адмирал Сергей Меняйло, ветерантæ, Республикæйы Хицауады, Алагиры районы æмæ æхсæнадон куыстуæтты минæвæрттæ.  Æфсæддон наудзæуджыты бон  æрвылаз фæбæрæг кæнынц июлы фæстаг хуыцаубоны - æфсæддон наудзæуджыты - Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты алы фæлтæрты кадæн.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 996 выпусков
Выпуски