Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы октябры ацæудзæн архитектурæйы афæдзы фæлгæты сæйраг цаутæй иу - форум «АрхАлания» Выпуск 12 августа 2026 года
Дзæуджыхъæуы октябры ацæудзæн архитектурæйы афæдзы фæлгæты сæйраг цаутæй иу - форум «АрхАлания». Уыдзæн 1-æй 2-æм октябрьмæ. Уый тыххæй йæ канал МАХ - ы фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг. Форумы темæ - «Точка отсчета». Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй мах хъæуы бамбарын горæттæ æмæ хъæутæ хæстæгдæр азты куыд райрæздзысты, уый. Фæлæ ам, сæйрагдæр у Ирыстоны æрдзон ландшафт æмæ историон æууæлтæ бахъахъхъæнын. Уыимæ, адæмæн ног, нырыккон уавæртæ аразын. Форумы архайдзысты архитектортæ, аразджытæ, хицаудзинады оргæнтæ, бизнесы минæвæрттæ æмæ профессионалон æхсæнад. Ныхас дзы цæудзæн горæты æнцонвадат цардыл, йæ райрæзтыл æмæ историон бынтæ бахъахъхъæныныл. Стыр æргом дзы здæхт æрцæудзæн æрыгон кадртæ цæттæ кæныныл. Ахсджиаг у Ирыстон хорз чи зоны, йæ хицæндзинæдтæ йын чи æмбары æмæ ам кусын кæй фæнды, ахæм специалисттæ цæттæ кæнын. Регионы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, форум суыдзæн ног проектты æмæ архитектурон æрхъуыдыдзинæдтæн ахадгæ фæз.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1010 выпусков
Выпуски